Александр Дарахвелидзе – миграцион закъондæттынадмæ ивæндзинæдтимæ, махæн уыдзæн эффективон бындур æмæ карз ахастдзинæдтæ уыцы адæймæгтæм, кæцытæ æнæмæнгхъæугæйæ адарддæр кæнынц сæ уæвынад бæстæйы
Александр Дарахвелидзе – миграцион закъондæттынадмæ ивæндзинæдтимæ, махæн уыдзæн эффективон бындур æмæ карз ахастдзинæдтæ уыцы адæймæгтæм, кæцытæ æнæмæнгхъæугæйæ адарддæр кæнынц сæ уæвынад бæстæйы

Абон махæн ис ахæм уавæр, æмæ адæм, кæцытæ туристон нысанæй бацæуынц бæстæмæ, баззайынц æмæ пайда кæнынц алыгъуызон закъондæттæн хъæндзинæдтæй, цæмæй баззайой бирæ рæстæг. Уымæй  дарддæр ма,  Европæйы бæстæты  къорд  ивы  æмæ карздæр кæны  сæ  миграцион закъондæттынад  æмæ æндæр æмæ æндæр  механизмтæ æххæст кæнынц, цæмæй  æмбæхсæн системæйæ  ахæм æнæзакъонон  пайда ма æруадза, –  уый фæдыл  мидхъуыдтæгты министры хæдивæг Александр Дарахвелидзе  Гуырдзыстоны  Фыццаг Къаналы алæвæрд «Актуалон темæтæ – Мака Цинцадзеимæ» ралæуды рæстæджы расидтис.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, алы уыцы механизмтæ, кæцытæ практикæйы рабæрæг сты законы цухдзинæдтæй æмæ кæцытæй спайда кодтой конкретон адæймæгтæ, цæмæй юридикон æгъдауæй баззадаиккой бæстæйы дæргъвæтин рæстæгмæ, регуляцигонд æрцæудзысты закъондæттæн æмвæзадыл æмæ уыдзæн конкретон, хорз кусæг механизмтæ, кæцытæ агентадæн фадат ратдзысты рæстæгыл не сразы уа уыцы адæймæгтæн, кæцыты нæ хъæуы æмбæхсæн бынат æмæ райдайа ссæрибар кæнын.
«Уымæй уæлдай ма æххæст цæуы æфхæрды ног хуыз, кæнæ та административон æфхæрд – бæстæйæ ссæрибар кæнын, кæцыйæ спайда кæндзыстæм уыцы адæймæгты ныхмæ, кæцытæ æххæст кæнынц конкретон фыдракæндтæ, куыд, зæгъæм, лыстæг хулигандзинад, пъæлицæйæн æнæкоммæгæсдзинад, æмбырды æмæ демонстрациты уагæвæрдты хæлд. Æхсæнад федта, цæмæй ивгъуыд азы протестты бирæ фæсарæйнæгтæ хайад райстой, се æхсæн цалдæр ахст чи уыдыстæм парламенты бæстыхайы æмæ бахъуыд æмбæлон мадзæлттæ райсын Уымæй дæр спайда кæндзысты уыцы адæймæгты ныхмæ, кæцытæ бæстæмæ æнæвизæйæ цæуыны уагæвæрдтæ халынц», – расидтис Дарахвелидзе.
Мидхъуыддæгты министры хæдивæг куыд банысан кодта, афтæмæй уголовон барадмæ æфтыд цæуы æфхæрды ног хуыз, ома бæстæйæ ссæрибар кæнын æмæ бæрæг æмгъуыдмæ бацæуыны тобæ, кæцыйæ пайда кæнынц арæныл æнæзакъонæй ахизынæн æмæ фæсарæйнаг цыфæнды æндæр фыдракæндæн.