Албанийы премьер - махмæ лигъдæтты центрты, Евроцæдисы уæнгсуæвыны бæсты дæр нæ сараздзыстæм
Албаний йæ территорийыл мигрантты центры саразыныл нæй дзуры, уый фæдыл немыцаг рауагъдад Bild-имæ интервьюйы Албанийы премьер-министр Эди Рама райхъусын кодта.
«Мах никуы æруадздзыстæм Евроцæдисы ахæм лагерты саразын лигъдонтæн» – загъта Албанийы премьер æмæ банысан кодта, цæмæй ахæм центрты саразын уый нысан кæны, æмæ мигранттæм ахæм ахаст дарынц, цæвиттон сты «æнæфæндон баззаййæггæгты» зæгъгæ.
Рамайы дзырдæй, Албани кæддæриддæр цæттæ ук æмкуыст кæна евроцæдисимæ иумæйаг Европон проблемæты аскуыдздаг кæнынæн, фæлæ уый нæ нысан кæны, цæмæй йæ бæстæ проблемæты æндæрты бæсты ахицæн кæндзæн.
Албанийы премьер-миистры ныхæстæм гæсгæ, йæ бæстæ центрты саразыныл, Евроцйæдисы уæнгдзинады бæсты дæр не сразы уыдзæн. Миграцион центрты Балканты саразыны политик тæссагæй хоны.