Ахуырадон аз райдайæны, 17 азы онг æмæ 17 аздзытæ нымайгæйæ æмбæстæгтæм, лæвæрд æрцæудзæн 200 ларийы бæрц æххуыс
Гуырдзыстоны 17 азы онг кары æмбæстæгтæ иухаттонæй 200 ларийы бæрц æххуыс райсдзысты. Уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа, хицауады абоны рабадтыл райхъусын кодта.
Гахариайы дзырдæй, сывæллæттæн социалон æххуыс лæвæрд æрцæудзæн ахуырадон аз райдайæны рæстæджы.
«Экономикон кризисы рæстæджы нæ æмбæстæгтæ 17 азы онг сывæллæттæ паддзахадæй 200 ларийы бæрцæй æххуыс райсдзысты æмæ уый уыдзæн иу сывæллæттæн – иуæй-иу сегасдæр нысаниуæджын социалон æххуыс, кризисы рæстæджы. Гуырдзыстоны алы æмбæстаг, 17 азы онг кары сывлæллонæн райсдзæн паддзахадæй 200 ларийы бæрц æххуысс иухаттонæй æмæ ацы æххуысс сыххæст уыдзæн кризисы рæстæджы, нæ сывæллæттæн социалон æххуысы фæлгæтты», – райхъусын кодта премьер.