Акцийы хайадисджытæ парламенты цур территорийæ «Гуырдзиаг Бæллиццы» офисы æрдæм араст сты
Руставелийы проспектæй акцийы хайадисджытæ парти «Гуырдзиаг Бæллиццы» централон офисы æрдæм араст сты.
Акцийы хайадисджытæ куыд хъусын кæнынц афтæмæй, уыдонæн нæрайсгæ у оператор Лексо Лашкаравайы мæлæты хъуыддагы фæдыл мидхъуыддæгты министрады, цъус рæстæг размæ арызт фидиуæн.
«Тв Пирвелийы» оператор Лексо Лашкарава, кæцыйы 5 июлы «Тбилиси прайды» ныхмæлæуджытæ фыднад скодтой, амард Мæлæты аххосаг ацы рæстæгмæ бæрæг нæу. Лексо Лашкарава клиникæйы цалдæр боны дæргъы уыд, цæй фæстæ дæр æй хæдзармæ рафыстой.
Лексо Лашкаравайы мæлæты фактыл фæдагуырд тугтæрхоны барады кодексы 115-æм статийæ райдыдта.