Акцийы хайадисджытæ хицауады админстрацийы æрдæм фæцæуынц, райсом та акци план кæнынц юстицийы министрады цур
Хъуамæ æрхъула кæнæм канцелярийы бæстыхай, равдисæм æппæт дунейæн, зæгъæм сын цæмæй ам лæудзыстæм цалынмæ Саакашвилийы не сифтонг кæндзысты нормалон æмбæстагон уагдонæй, не ссæрибар кæндзысты æмæ афтæдæр, скъæфт æвзæрстытæ нæ рыздахдзысты уæдмæ – уый фæдыл «Националон Змæлды» лидер, ника Мелиа Сæрибары фæзыл ацæугæ акцийыл райхъусын кодта.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, райсом сæумæрайсомæй, акци ауадздзысты юстицийы министрады цур.
«Мах ныр тынг сабырæй хъуамæ ахизæм Бидзина Иванишвилийы а.х. канцелярийы цурмæ, Ингорохъвайы æмæ Сулхан-Саба Орбелианийы уынджы уылты. Ницы фадат сын хъуамæ раттæм нæ фарсмæ уæвæг адæймагæн, цæмæй исты провокацийы фадат раттæм уыдонæн, цæвиттон акцийы хайадисджытæ сты афтæ. Нæ нысан нæу, цæмæй искуыдæм балæбурæм, ацы бæллицц Иванишвилийæн нæ сыххæст кæндзыстæм, фæлæ нæ хъæр горæты уынгты уыдзæн уæдмæ, цалынмæ хицауад хибаконд паддзахад нæ рыздахздзæн æхсæнадæн уæдмæ. Ныр хъуамæ æрхъула кæнæм канцелярийы бæстыхай, равдисæм æппæт дунейæн, зæгъæм сын цæмæй ам лæудзыстæм цалынмæ Саакашвилийы не сифтонг кæндзысты нормалон æмбæстагон уагдонæй, не ссæрибар кæндзысты æмæ афтæдæр, скъæфт æвзæрстытæ нæ рыздахдзысты уæдмæ. Æнæниз чи стут, алчи баззайут ам. Ныр хæдзæртты уæвыны афон нæу, чи нæм кæсут райсом сæумæрайосмæй нæм æрбаиу ут. Параллелонæй канцелярийы бæстыхайы цур стыр протестон акци ауадзыны, кæцы адарддæр уыдзæн, Гъарибашвили кæд мидæгæй ис, уæд æддæмæ нæ рацæудзæн, кæд нæй уæд та мидæмæ нæ бацæудзæн. Алцыппæты параллелонæй, сом мах сæумæрайсомы 10:00 сахатыл ноджы уæлæмхас бынæтты сараздзыстæм акцитæ. Афтæма акци ацæудзæн юстицийы министрады цур. Афтæ сцырын кæндзыстæм протест. Нервты хæст рамбулын дæр хъæуы» – райхъусын кодта Ника Мелиа.