АИШ-ы визæ ивгъуыд аз 13% къаддæр фæсарæйнаг æмбæстаг райста
2017-æм азы АИШ-ы визæ 13 % къаддæр адæймаг райста – уый фæдыл ралæвæрд POLITICO АИШ-ы паддзахадон департаментыл бындурæвæрдæй парахат кæны информаци.
Æрбадæттæгтæм гæсгæ, 2017-æм азы мартæй 2018-æм азы февралы онг периоды æрмæст 754 000 визæ уыд лæвæрд.
2016-æм азы уыцы нымæц 865 000.
POLITICO фыссы цæмæй Дональд Трампы президенты уæвыны периоды визон поитикæ фæкарз.