АИШ-ы тыхмидзинады æмæ марындзинады тыххæй дзуаппмæ лæвæрд уæнг мæлæтæй æфхæрд æрцыд
Теннессийы штаты авд аздзыд чызгæн фыдмитæ фæкæныны æмæ марындзинады тыххæй тæрхонмæ лæвæрд гоймаг мæлæтæй æфхæрд æрцыд. Тæрхоныскуыды сæххæст кæныны онг Рей Айрикъ 32 азы арвыста ахсты. Ацы рæстæджы дæргъы уый тæрхоныскъуыды æмгъуыд ахæцыны куырдиатæй тæрхондонмæ цалдæр хатт басидтис. Фæлæ фæстаг куырдиатимæ йын тæрхондон нал сразы ис.
Ай 2009 азы фæстæ Теннессийы мæлæтæй æфхæрды фыццаг цау у. Тæрхондоны уынаффæйæ, октябры æмæ ноябры, мæлæтæй æфхæрды фæдыл ноджы дыууæ тæрхоныскуыд сæххæст уыдзæн.