АИШ-ы Сенат æмхъæлæсонæй сразы ис резолюциимæ, кæцы Владимир Путины, куыд хæсты фыдгæнæджы тæрхонмæ раттын домы
FАИШ-ы сенат æмхъæлæсонæй сразы ис резолюциимæ, кæцы Уæрæсейы президент Владимир Путины, куыд хæсты фыдгæнæджы тæрхонмæ раттын домы. Информаци хъусын кæны агентад «Ройтер».
«Ройтер» куыд фыссы афтæмæй, Конгресс ацы уынаффæимæ æмхъæлæсонæй сразы ис, кæцы Конгрессæн у стæм фæзынд.
«Ацы залы демократтæ æмæ республикæгтæ баиу стæм уый тыххæй, цæмæй зæгъæм, Владимир Путин нæ бамбæхсдзæни украинаг адæмы раз цы фыдракндтæ сыххæст кодта уыдоныл иууылдæр раттдзæн дзуапп» райхъусын кодта сенаты демократты лидер Чак Шумер.
Резолюци кæцыйы республикаг сенатор Линдси Грехем бавдыста, Гаагæйы æхсæнадæмон тугтæрхоны барады тæрхондоны æмæ æндæр бæстæтæм сиды, фæдагуырд ауадзнмæ Уæрæсейы æрдгæй Украинамæ бырсты рæстæджы, уырыссаг æфсæддæттæ цы хæсты фыдракæндтæ сыххæст кодтой уыдон.