АИШ-ы раздæры паддзахадон нымæрдар Генри Киссинджер 100 азы кары йæ цардæй ахицæн ис
АИШ-ы раздæры паддзахадон нымæрдар Генри Киссинджер 100 азы кары йæ цардæй ахицæн ис

Америкæйы Иугонд Штатты  раздæры  паддзахадон нымæрдар  Генри Киссинджер  Коннектикуты  штаты, сæрмагонд хæдзары  100 азы  кары  амард.  Информаци хъусын кæны америкаг  медиа.

Генри Киссинджер  Германийы, дзуттæгты бинонты  райгуырд.  1930 азты  йæ бинонтæ тыхыбын  уыдысты   нацистон Гермнийæ алидзын.  Уыдон АИШ-æм алыгъдысты.

1960  азты  каронæй   Киссинджер  уыдис АИШ-ы   президентты, Ричард  Никсоны æмæ Джеральд  Форды   уынаффæгæнæг националон æдадсзинады  фарстаты, æрмæст 1973-1977 азты уыд паддзахадон нымæрдар.

Киссинджеры тыхайрхайды фæстиуæгæн АИШ-ы æмæ Китайы æхсæн  сног сты  дипломатон ахастытæ.  Уый афтæдæр  стыр  хайбавæрд скодта  АИШ-ы æмæ Советон Цæдисы æхсæн  ныттынггонд ахастытæ æрбиноныг кæныны.

1973 азы Генри Киссинджермæ  лæвæрд уыд Нобелы  сабырады фæдыл преми  Вьетнамы  хæсты кæрон скæныны хъуыддагмæ хайбавæрды тыххæй.