АИШ-ы президенты уынаффæгæнæг – Путин 2008 азы ныббырста Гуырдзыстонмæ, махæн уыцы рæстæджы 150000-æй фылдæр æфсæддон куы уыд Ирак æмæ Афгъанистаны
АИШ-ы æмæ Уæрæсейы президентты, Джо Байдены æмæ Владимир Путины ныхасы фæстæ лæвæрд пресс-конференцийыл, æдасдзинады фарстаты Америкæйы президенты уынаффæгæнæг Джейк Саливанæн иуæй-иу журналист ратта фарст Байдены политикæйы фæдыл Путинмæ гæсгæйæ, афтæма уый фæдыл, ома АИШ Афгъанистанæй рацыд.
Журналист бацымидис кодта, цæмæй куыд саргъ кæнид Джейк Саливан конкрентты ацы критикæйæн. Саливаны дзырдæй, зæгъгæ нæй бæлвырдгæнæн, ома æхсæнадæмон хæстты АИШ-ы хайадæн ис бастдзинад Уæрæсейы лидерты æнхъæлцытимæ.
«Владимир Путин, кæцы уæд лæууыд Медведевы фæсаууон, 2008 азы ныббырста Гуырдзыстонмæ, махæн уыцы 150 000 æмæ фылдæр æфсæддон куы уыд Ирак æмæ Афгъанистаны. Афтæмæй, нæй уый бæлвырдгæнæн, ома æхсæнадæмон хæстты нæ хайадистæн цавæрдæр бастдзинад ис Уæрæсейы лидерты æнхъæлцытимæ, постсоветон тыгъдады кой куы кæнæм, уæд», – райхъусын кодта Саливан.