АИШ-ы паддзахадон департаменты пресспикер - Лæмбынæг нæ хъус дарæм Михеил Саакашвилийы хъуыддагмæ, хицауады бæрн у сифтонг кæна медицинон æххуыс, мах адарддæр кæндзыстæм  ацы хъуыддаджы мониторинг
АИШ-ы паддзахадон департаменты пресспикер - Лæмбынæг нæ хъус дарæм Михеил Саакашвилийы хъуыддагмæ, хицауады бæрн у сифтонг кæна медицинон æххуыс, мах адарддæр кæндзыстæм ацы хъуыддаджы мониторинг

АИШ-ы  паддзахадон департамент  лæмбынæг  йæ  хъус дары Саакашвилийы  хуъыддагмæ, тынг  сагъæс кæнæм  йæ  æнæниздзинады уавæрыл, –  уый фæдыл  АИШ-ы   паддзахадон  департаменты  пресс-спикер   Метью Миллер Гуырдзыстоны   раздæры президент Михеил Саакашвилийы тыххæй  фарсты  дзуаппæн райхъусын кодта.

АИШ-ы паддзахадон  департаменты пресспикеры бафарстой   Гуырдзыстоны  АИШ-ы  фондз  раздæры минæвар  ахæлиугонд фидиуæны фæдыл, кæцыйы Гуырдзыстоны хицауадмæ сидынц,  сифтонг кæна Михеил Саакашвилийæн медицинон хоскæнын.

«Лæмбынæг нæ хъус дарæм   Михеил Саакашвилийы   хъуыддагмæ.  Тынг сагхъæс кæнæм  йæ æнæниздзинады уавæры тыххæй.   Гуырдзыстоны  хицауадæн, куыд  æргомæй  афтæ  сæрмгаондæй   æнæиухатт  загътам, цæмæй  хицауады бæрн  у  сифтонг кæна  медицинон   æххуыс, кæцы йын æнæмæнгхъæугæ  у  адæймиаджы барты  хъахъхъæд сифтонг кæнынæн.  Адарддæр кæндзыстæм ацы хъуыддаджы  лæмбынæг мониторинг», –  уый фæдыл  АИШ-ы   паддзахадон департаменты   пресс-спикер   Метью Миллер Райхъусын кодта.