АИШ-ы паддзахадон департаменты 2023 азы  бюджеты проектмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстонæн 88 милуан долары рауæлдай кæндзысты
АИШ-ы паддзахадон департаменты 2023 азы бюджеты проектмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстонæн 88 милуан долары рауæлдай кæндзысты

АИШ-ы  паддзахадон департаменты  2023  азы бюджеты   проектмæ гæсгæйæ, план кæны Гуырдзыстонæн  88  милуан  доллары рахицæнкæнын.  Документы  публикаци кæны  паддзахадон департамент.

«АИШ-ы  æххуыс  къухаразæг уыдзæн  Гуырдзыстонæн демократон,  экономикон рæзынадæн,  евроатлантикон  итеграцийæн, афтæма  стынг  кæндзæн  йæ æнæцудгæдзинад, цæмæй  ма бакома  Кремлы  знаггадгæнæг æндæвдадæн.  Финансдзинад  баххуыс уыдзæн  институцион  контролы æмæ балансы  принципты æмæ  закъоны  сæйрагдзинад  сфидар кæнынæн;  баххуыс уыдзæн Гуырдзыстоны  æмбæстагон дзыллæйы  тыхархайдæн, кæцы у  демократон   æмæ  экономикон рæзынад стынг кæнынæн; фæхуыздæр кæндзæн  хæдбар,  æууæнкаг æмæ  балансгонд   медийы рæувадатдзинад; къухаразæг уыдзæн  политикон   плюрализмæн;  йæ фарс рахæцдзæн  бафидауынæн, уый  нымæцы Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны регионты; райрæзын кæндзæн  энергоæдасдзинад  æмæ райтынг кæндзæн сыгъдæг энергетикæ; къухаразæг уыдзæн  реформæтæн кæцы  æнæмæнгхъæугæ у  экономикон рæзынады æмæ  диверсификацийæн баххуысы цæстæнгасæй;  баххуыс уыдзæн  цифрон системæмæ ахизыны пароцессæн  æмæ стынг  кæндзæн киберæдасдзинад æмæ  хъæддыхдзинадæн;  ауæрæх кæндзæн   хицæн секторы  конкурентхъомад  æмæ хъæууон  хæдзарады   продуктивондзинадæн;  æрбаласдзæн   фæсарæйнаг  инвестицитæ.  Райрæзгæ финансдзинад  баххуыс уыдзæн    энергоæдадсзинады  æмæ киберæдасдзинад стынг кæнынæн, афтæма  Уæрæсейы  знаггадгæнæг  æндæвдады раз  цæрджыты  экономикон   фадæттæ æмæ  интеграцийæн», –   дзырдæуы  документы.

АИШ-ы  паддзахадон департаменты æмæ æхсæнадæмон  рæзынады агентады 2023 азы бюджеты проекты  гуырахст у  50,4  миллиард доллары бæрц, кæцы  2022 азы  бюджеты  проектæй 1,9 миллиард долларæй  фылдæр  у.

Фæнысангонд  документ  Украинайæн   Уæрæсейы барæй, æнæпровоциргонд  æмæ æнæраст  интервенцийы фоныл, афтæдæр Европæйы æмæ Централон Азийы   регионы  æндæр бæстæтæн, 1,6  миллиард доллар рауæлдай кæнын дары  йæ  хуъыдыйы.