АИШ-ы паддзахадон департамент- Украина, Гуырдзыстон æмæ Европæйы алы æндæр бæстæтæм ис бар, сæхæдæг сывзарой сæрмагонд фидæн сæ адæмæн, суой НАТО-ы уæнгтæ
«Ацы кризисæй рацæуынæн иунæг бæрнон фæндаг у Дипломатий», – банысангонд у АИШ-ы паддзахадон нымæрдар, Энтони Блинкены Украинамæ визиты агъоммæ АИШ-ы паддзахадон департаменты ахæлиугонд фидиуæны.
АИШ-ы паддзахадон департаменты веб-фарсыл ахæлиугонд фидиуæны дзырдæуы, цæмæй ничи у хъахъхъæд уæдмæ цалынмæ алкæй æрдгæй нæ уыдзæн цытлæвæрд бæстæты суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн, афтæдæр алы адæймагы бартæн æмæ фундаментон сæрибардзинæдтæн.
«Фæстаг æртæ дæсой азы дæргъы, Уæрæсе бабырста æртæ сыхаг бæстæмæ – Украинамæ, Гуырдзыстон æмæ Молдовæмæ; йæхи фæтъыста æвзæрстытæм, марындзинады архайды нысанæн спайда кодта химикон хæцæнгарзæй, куыд сæрмагонд зæххыл, афтæма йæ арæнты æддæйæ (Скрипал, Навальный) æмæ хæлдта хæцæнгарзы контролы фæдыл æхсæнадæмон бадзырдтæ. Мах æмæ нæ æмцæдисонтæ ацы æмæ æндæр фарстатæ, æввахс бонты æмæ къуыриты дæргъы сывæрдзыстæм Уæрæсеимæ. Украина, Гуырдзыстон æмæ Европæйы алы æндæр паддзахадæн ис бар, сывзара сæрмагонд фидæн сæ адæмæн, уый нымæцы куысты æмæ тырнынадæй, суа евроатлантикон æмæ НАТО-ы æмгарады уæнгæ», – дзырдæуы фидиуæны.
Афтæма уыцы фидиуæны дзæрдæуы, ома АИШ-æ, ситуаци дипломатийы фæндагæй алыг кæнын архайынц.