АИШ-ы паддзахадон департамент Уæрсемæ æрсидтис 2008 азы æхсты фæурæды фæдыл бадзырд сыххæст кæнынымæ
АИШ-ы паддзахадон департамент Уæрæсемæ æрсидтис, оккупацигонд гуырдзыстоны территоритæй гарзджын тыхтæ акæнынмæ – уый фæдыл Америкæйы Иугонд Штатты паддзахадон департаменты официалон минæвар, Хизер Науэрт райхъусын кодта брифингыл.
Нæ позици Уæрæсейы æрдгæй гуырдзыстоны регионты, Абхазы æмæ «Хуссар Ирыстоны» оккупацийы тыххæй æнæивгæ у. Ац ырегионтæ сты Гуырдзыстоны сæрмагонд æмæ не сты Уæрæсейы хай. АИШ-æ дарддæр кæны Гуырдзыстоны суверенитет æмæ хæдбардзинады, афтæдæр йæ æхсæнадæмонæй нымад арæнты æнцой дарын. Ацы политикæ ивд не рцыд. АИШ-æ сиды Уæрæсемæ, акæна йе фсад, бырсты размæ цы позицитыл лæууыдсты уырдæм, 2008 азы æхсты фæурæды фæдыл бадзырдмæ æмбæлгæйæ» – райхъусын кодта Хизер Науэрт.
Журналисты фарстыл, æцы æви нæ АИШ-æ йæ фарс Гуырдзыстоны НАТО-мæ райсынæн, паддзахадон департаменты минæвар анысан кодта, цæмæй НАТО зæгъгæ бБухаресты саммитыл рахаста уынаффæ, кæцымæ гæсгæ Гуырдзыстон æнæмæнгæй суыдзæн альянсы уæнг.