АИШ-ы паддзахадон департамент -  Уæрæсейы  архæйдтытæ атомон буарадты ахæлиуы  тас рæзы кæнынц
АИШ-ы паддзахадон департамент - Уæрæсейы архæйдтытæ атомон буарадты ахæлиуы тас рæзы кæнынц

Уæрæсейы  архæйдтытæй   атомон баззаййæггæгты   ахæлиуы  рискъ  рæзы – уый тыххæй фидиуæн сарызтой АИШ-ы  паддзахадон департаменты.  Паддзахадон   нымæрдары  æххуысгæнæдлжы   Кристофер Форды  дзырдæй,  атомон  энергийы  Дунейы  агентады программæй,  кæцы  радиоактивон   буарадты  æнæзакононæй  ахæлиуимæ баст  инциденттыл мониторинг æххæст кæны, Уæрæсейы  архæйдтыты  тыххæй   тасы раз  æрлæууыд.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,  ацы программæйы  базæмæ хаст æрцыд   206 азы  Кремлæй,  Александр Литвиненкойы фæхъæстæ кæнынæн,  цы  полонийæ  спайда кодтой  уый.

Форд йæ   хъусдард афтæдæр раздæхта  уыцы фактыл цæмæй  1990-2000 азты  радиоактивон  буарадты  контрабандæйы фактытæ  фæбæрæг сты   раздæры  советон цæдисы  уæнг  республикæты –  Гуырдзыстоны æмæ Молдовæйы.

«1990-æм  азтæй  радиоактьивон буарадты контрабандæйы  18  факт  фæбæрæг ис. Сæ нымæцы   сбонджынгонд  уран  систой  Гуырдзыстоны  æмæ  Молдовæйы.  Ацы инцидентты  фæстæ, Гуырдзыстон æмæ Молдовæ,  радиоактивон  буарадты  контрабандæйы  хъуыддаджы  АИШ-ы  сегасæй  хæстæг партнертæ  фестадысты», –  райхъусын кодта  Кристофер Форд.

АИШ-ы  паддзахадон нымæрдары  æххуысгæнæг  хъусын кæны,  ома  æнæкæсгæ  ацы партнерадмæ, «Сау Базарыл»  атомон  буарадты   проблемæ, абоны онг   нысаниуæгджын  тас хæсы.

«Цалдæр инцидент æрцыд, цæцæйнаг къордтæ  Уæрæсейы  а.х.   чъиззи бомбæ скусын кæнын куы бацархайдтой. Фæлæ   æнæфæстиуæгæй. Уæрæсейы æмæ раздæры   Советон цæдисы  территорийыл  æдасдзинады  системæ  лæмæгъ кæй  у  уый тыххæй,   абон нæ  бон нæу  бæлвырдæй  зæгъын,  цæмæй  цы бæрцæй радиоактивон бауарадтæ  разындысты  «Сау Базарыл», –  райхъусын кодта АИШ-ы паддзахадон нымæрдары  æххуысгæнæг.