АИШ-ы паддзахадон департамент публикаци скодта адæймаджы барты фæдыл хыгъдлæвæрд, кæцыйы дзырдæуы Гуырдзыстоны тыххæй дæр
АИШ-ы паддзахадон департамент Дунейы адæймадж барты уавæры фæдыл æрвылазон хыгъдлæвæрд публикаци скодта. Хыгъдлæвæрды 2022 азы фæдыл дзырдæуы æмæ уый паддзахадон нымæрдар Энтони Блинкен бавдыста. Документ дунейы 198 бæстæйы æмæ территорийыл адæймаджы барты æрдгæй уæвæг уавæры фæлгæсы, сæ нымæцы ис Гуырдзыстон дæр.
Документмæ гæсгæйæ, хицауад мадзæлттæ скодта адæймаджы барты халыны тыххæй иуæй-иу бæрзонд гæсы ныхмæ фæдагуырд ауадзынæн, фæлæ æнæфхæрд баззад проблемæйæ.
Документмæ гæсгæйæ, хицауады æнæнтыст, уырнинаг фæдагуырд ауагътаит æмæ тæрхомæ раттаит 2021 азы июлы прайды маршы размæ тыхмидзинады организаторты, ацы барадсастыты æнæфхæрд расайдта. Документы банысангонд у, цæмæй бæрнондзинады хъуаг афтæ аддарддæри 2019 азы июны демонстрациты рæстæджы журналистты æмæ митинггæнджыты ныхмæ пъæлицæйы æрдæгй æнæмбæлгæ тыхæй спайдайы æмæ 2017 азы Азербайджайнаг журналисты æмæ активисты Афган Мухтарлыйы бæстæйæ аскъæфыны æмæ алæвæрды хуъыддæгтыл.
Хыгъдлæвæрды афтæдæр дзырдæуы оккупацигонд регионты уæвæг уавæрыл. Документмæ гæсгæйæ, Уæрæсейы æрдгæй оккупацион регионтæ Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон уыдысты централон хицауады контролы æддæйæ æмæ де-факто хицæуæдтæн йæ фарс хæцыдысты Уæрæсейы тыхтæ. 2008 азæй хæстон архæйдтыты баурæд йæ тыхы уыдис, фæлæ уырыссаг арæнхъахъхъæнджытæ сæмбонд кодтой бынæтон цæрджыты змæлды бар.
«Адæймаджы барты нысаниуæгджын фарстатæ ацы регионты æххæссыдысты æууæнкджын хъусинæгтæм æнæзакъонон æрцахстыты фæдыл; змæлды сæмбонд кæныны, сæрмагондæй этникон гуырдзиæгтæн сæрмæмулкы бары кæнæ бизнесы регистрацийы, афтæма сæ мадæлон æвзагыл ахуырад сæмбонд кæныны фæдыл. Нæкæсгæ уымæ,ц æмæй Хуссар Ирыстоны адæймаджы барты æмæ гуманитарон уавæры æрдгæй тынг цъус официалон информаци ис, де-факто хицауад нæзагъд кодта 2008 азы конфликты фæстиуæгæн феддæдуаргонд этникон гуырдзиæгты фылдæрæн сæ хæдзæрттæм æрыхдахыныл. Де-факто хицауад æхсæнадæмон организациты фыодæрæн гуманитаронæй баххуыс кæнынæн Хуссар ирыстонмæ регуляронæй цыды бар нæ ратта. Уæрæсейы æрдгæй администрацион арæйнон хаххыты «бордеризаци» адарддæр ис, кæцы ноджы фылдæр сæмбонд кодта змæлды бар æмæ бынæттон цæрджыты сæ цæрæн рæттæй мæ æ цæрынæн хъæугæ фадæттæй фæхицæн кодта. Уæрæсе æмæ де-факто хицауад дыууæдæр регионы ракодтой бирæ хæлдтытæ, кæцы æнæфхæрд баззад» – банысангонд у паддзахадон департаменты хыгъдлæвæрды.
Документы дзырд ис Михеил Саакашвилийы фарстайы фæдыл дæр. Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, ивгъуыд азы дæргъы адæмон барты хъахъхъæнæг æнæиухатт æрсидтис хицауадмæ, сифтонг кодтаит æрцахстуæвæг раздæры президенты Михеил Саакашвилийы афойнадон æмæ æмбæлгæ медицинон хоскæнын æмæ адæмон барты хъахъхъæнæджы æнæиу фидиуæны у банысангонд, ома Михеил Саакашвилийы æнæниздзинады уавæр виппайды фæфыддæрдæри.