АИШ-ы Националон хъахъъæнынады бюджеты проект – АИШ-æ хъуамæ сбæлвырд кæна Гуырдзыстоны НАТО-йы фидæн уæнгсуæвынæн фарсхæцын
Америкæйы Иугонд Штаттæ хъуамæ фæтыхджындæр кæна Гуырдзыстонæн æххуыс æдасдзинады секторы – уый фæдыл дзырдæуы, АИШ-ы националон хъахъхъæнынады 2019 азы бюджеты барасты проекты.
Документы мидæг дзырдæуы, хæдиргъæвæн леталон хæцæнгарзæй æххуысы фæдыл, «кæцы уагъд у Гуырдзыстонæн хæдиргъæвæн фæрæзты æмæ цæттæдзинад фæтыхджындæр кæныны æрдæм. Афтæдæр Гуырдзыстоны тыхты НАТО-ы стандарттæм æмбæлондзинад фæхуыздæр кæныны фæдыл».
Закъонопроекты афтæдæр банысангонд у, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Украинæ хъуамæ баиу уой Сау Денджызы денджызы плангонд ахуыртæм.
Ноджы иу пункты мидæг дзырдæуы, ома АИШ-æ хъуамæ сбæлвырд кæна НАТО-ы гом дуары политикæйæн æмзæрдæдзинад æмæ сæ нымæцы Гуырдзыстоны альянсы фидæнон ахуыртæн фарсхæцын.
Афтæма, документмæ гæсгæ АИШ-æ Украинæйæн 250 милуан доллары аргъы æфсæддон æххуысы рацуæлдай кæнын хъавы. Ацы суммæйæ 50 милуан доллары леталон хæцæнгарзыл у нымад.
Документæн йæ фарс рахæцыд АИШ-ы минæварадон палатæ.
Законопроект, кæцымæ хаст æрцыд рæстытæ, минæвæртты палатæйы веб-фарсыл публикацигонд æрцыд 25 июлы. Уый тыххæй цæмæй проект закъонæй феста, æнæмæнгхъæугæ у сенаты фарсхæцынад æмæ президент Трампы къухбафыст.