АИШ-ы минæварадон палатæйы ассигнациты комитет  публикаци скодта  æддаг операциты финансдзинады фæдыл  2021 фискалон азы закъонопроект, кæцыйы мидæг дзырæдуы Гуырдзыстоны  тыххæй дæр
АИШ-ы минæварадон палатæйы ассигнациты комитет публикаци скодта æддаг операциты финансдзинады фæдыл 2021 фискалон азы закъонопроект, кæцыйы мидæг дзырæдуы Гуырдзыстоны тыххæй дæр

АИШ-ы  минæварадон палатæйы  Ассигнациты фæдыл Комитет  публикаци скодта закъонопроект, кæцыйы  мидæг дзырдæуы, æддаг операциты æмæ  уыдонимæ баст  программæты, финансдзинады, паддзахадон департаменты 2021 азы  приоритеты фæдыл.

Документы мидæг банысангонд у,  цæмæй  Гуырдзыстонæн  2021  азы  рауæлдай уыдзæн æххуыс 132 025 000 АИШ доллары бæрцæй,  фæлæ ма  дзы  банысангонд у, цæмæй   ацы  æххуысæй  Гуырдзыстонæн 15 порценты алæвæрд гæнæн ис  урæд  æрцæуа  уыцы  афонмæ, цалынмæ  АИШ-ы паддзахадон  нымæрдар, ассоциациты комитетмæ нæ бавдисдзæн  хыгъдлæвæрд  уый фæдыл, ома Гуырдзыстоны хицауад аразы æмбæлон къахдзæфтæ,  бæстæйы   демокративон институттæ фæтынг кæныны,  коорупциимæ тохы, хицæн секторы  законы сæйрагдзинады æмæ фæсарæйнаг бизнес  иргъæфы æрдæм.

Законопроекты афтæма банысангонд у, цæмæй  æххуысы  æрурæд  нæ  баххæсдзæн уыцы   программæтæм, кæцытæ  ахъаз сты  демократийæн,  законы сæйрагдзинадæн,   æмбæстагон дзыллæ стынг кæнынæн, медийæн кæнæ та  уагъд сты   гендерон нысанæй  тыхмидзинад фæкъаддæры æрдæм.