АИШ-ы минæварад – АИШ- тæрхон кæны «Гуырдзиаг Бæллиццы» тыхмидзинад æмбæстæгты ныхмæ, се æхсæн оппозицийы лидерты, журналистты, æмбæстагон æхсæнады уæнгты æмæ протестгæнджыты ныхмæ
«Гуырдзиаг Бæллиццы» парти Гуырдзыстоны æмбæстæгты ныхмæ, се æхсæн оппозицийы лидертæ, журналисттæ, æмбæстагон æхсæнады уæнгтæ æмæ протестгæнджыты ныхмæ цæугæ тыхмидзинад АИШ-æ æфхæры, – уый фæдыл Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварады расидæны ис фыст.
Минæварады фидиуæны куыд банысангонд у афтæмæй, ахæм архайдтытæ гуырдзиæгты фундаменталон сæрибардзинæдтæй спайда кæныны арæнæвæрдмæ сты здæхт.
«Ахæм архайдтытæ, кæцытæ куыд зыны, афтæмæй гуырдзиæгты фундаменталон сæрибардзинæдтæй пайда кæныны арæнæвæрдмæ здæхт сты, ницы аразынц Гуырдзыстоны евроатлантикон фæндагмæ раздахынæн, кæцы у гуырдзиæгты фылдæры фæндон». «Гуырдзыстон хуыздæры аккаг у», – ис фыст АИШ-ы минæварады расидæны.