АИШ-ы конгрессы сенат, 1,9 триллион доллары аргъы экономикон æххуысы пакет сбæлвырд кодта
АИШ-ы конгрессы сенат, 1,9 триллион доллары аргъы экономикон æххуысы пакет сбæлвырд кодта. Конгрессы уæллаг палатæйы экономикон æххуысы планимæ иунæг «Республикаг» сенатор дæр не сразы ис.
АИШ-ы президент Джо Байден цæрджытæн ныфсæвæрдтæ фæраст кæныны фæдыл сенаты уынаффæ схуыдта размæ арызт егъау къахдзæфæй.
Пандемийы райдаыны фæстæ бæлвырд æххуысы æртыккаг пакет йæ хъуыдыйы дары иухаттон фиддæн 1 400 АИШ доллары бæрц, кæцыйы бæстæйы цæрджыты фылдæры хай райсдзæн.
Байдены дзырдæй, зæгъгæ фиддæнты ахæм райуæрст гæнæн ис цæугæ мæйы кæрон райдайæт. Америкаг ирвæзынгæнæн планæй цы хуыйны уый рауæлдай кæндзæн 350 миллиард доллар паддзахады æмæ бынæттон хицауадтæн, æрмæст 130 миллиардмæ хæстæг суммæ та скъолатæн.
Планмæ гæсгæйæ афтæдæр рауæлдай уыдзæн 49 миллиард доллар «Ковид-19»-ыл уæрæх иртæстытæн, афтæма 14 миллиарды вакцинæтæ райуарынæн.
Законопроектæй афтæдæр рагхыгъд сты гранттæ лыстæг бизнесæн, нысанон суммæтæ, цахæм дæр у 25 миллиард доллар ресторантæн æмæ бартæн; 15 миллиард доллар авиакомпанитæн æмæ ноджы 8 миллиард доллар аэропорттæн; 30 миллиард доллар транзитæн№ 1,5 миллиард доллар Амтракы æфсæнвæндагон хаххæн æмæ æртæ милиард доллар космосон кондадæн. Демократтты дæлконтрол минæварадон палатæ, закъонопроектæн 9 марты схъæлæс кæндзæн.