АИШ-ы Конгрессы минæвæртты палатæ сфидар 2021 азы хъахъхъæнынады бюджеты проект, кæцыйы тексты, Гуырдзыстоны фæдыл дæр ис ныхас
АИШ-ы Конгрессы минæвæртты палатæ 2021 азы хъахъхъæнынады бюджеты проекты сенатимæ разыгонд текст сфидар кодта. Æмбæлгæ информаци публикацигонд у минæвæртты палатæйы официалон веб-фарсыл.
Документæн, сæргондæй «2021 азы националон хъахъхъынаныд авторизацийы акт» Конгрессы дæллаг палатæйы 355 уæнг схъæлæс кодтой, йæ ныхмæ та рацыд 78. Проектимæ хъуамæ сразы уа Сенат дæр.
Документы мидæг дзырдæуы Гуырдзыстоны тыххæй дæр. Сæрмагондæй та банысангонд у, цæмæй Уæрæсеимæ стратегион конкуренцийы æмæ уыйимæ баст архæйдтыты цæстæнгасæй, Уæрæсейы æрдгæй агресси бауромынæн, АИШ-ы хъахъхъæнынады департамент хъуамæ райрæзын кæна «хъусдард æмæ Сау Денджызы регионы ивгæ æфсæддон балансмæ раздаха ресурстæ, райрæзын кæна НАТО-ы æмæ æндæр бирæфарсон ахуырты арæхад æмæ масштаб Сау Денджызы регионы. Сæ нымæцы Украинайы æмæ Гуырдзыстоны хайадæй» .
Бюджеты проекты афтæдæр банысангонд у 2008 азы НАТО-йы Бухаресты саммиты уынаффæ, кæцымæ гæсгæ дæр, НАТО райгонд уыдзæн Украина æмæ Гуырдзыстонæн евро-атлантикон тырнынадтæй НАТО-йы уæнгсуæвынмæ æмæ разы у, цæмæй ацы бæстæтæ суыдзысты НАТО-йы уæнгтæ.
Документы афтæдæр ис ныхас газдадзæнты «Цæгат къада2 –ы» æмæ «Туркаг къадайы» ныхмæ санкциты ауæрæх кеныныл.
АИШ-ы хъахъхъæнынады бюджеты æмтгæйон бæрц у 740 миллиард долларæй фылдæр. Фæнысангонд суммæйæ 69 миллиард доллар рауæлдайгонд у фæсарæнты æнæрагхыгъд операцитæн, кæцы æмбарынгæнæн документы куыд дзырдæуы, афтæмæй, фадат ратдзæн æфсæддæттæн, уой цæттæ, райрæзын кæной фадæттæ æмæ инвестицитæ æххæст кæной ног программæты æмæ технологиты, кæцы бæстæйы æдасдзинадæн бахъæудзæн. 2021 азы бюджетмæ гæсгæйæ, Украинайæн рахицæнгонд у 250 милуан доллары æххуыс.