АИШ-ы хъызты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 62-йæ ахызт. «ВВС»-ы хъусинагæй, мингай адæймаг æнæэлектроэнергийæ баззад.
Нью-Йоркы штаты горæт Буфалойы тымыгъы фæстиуæгæн 28 адæймаг амард. Штаты хицауады информацийæ, бынатыл мобилизацигонд у æфсæддон пъæлицæй. Бынæттон хицауад амæттæгты нымæцы фæфылдæр нæ цух кæны, уымæн æмæ горæты агурæн-ирвæзынгæнæн операцитæ цæуынц.
Буфалойы сфиксир ис мородердзинад цаутæ. Пъæлицæйы комиссары хъусинагæй ахст сты 4 уæнгы.
АИШ-ы штормы тыххæй аивдтой мингай авиарейсы. Æппæт бæстæйы территорийыл аэропортты мингай бæлццон баззадис.
Синоптикты прогнозæй, абонæй метеорологион уавæрты фæхуыздæр у æнхъæлмæкæсинаг, рахъарм уыдзæн уæлдæфы температурæ.