АИШ-ы хъахъхъæнынады нымæрдар – ис тас, цæмæй «Талибан» Афгъанистаны æвзæрстыты размæ цалдæр теракт сæххæст кæна
АИШ-ы хъахъхъæнынадынымæрдар Джеймс Метис хъуыды кæны цæмæй ис тас, террористон организаци «Талибан» Афгъанистаны дестабилизацийы нысанæй, бырстыты серитæ фæтыхджындæр кæна.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, æнхъæлмæкæсинаг террористон актытæ октябрьмæ плангонд æвзæрстытимæ сты баст.
«Афгъанистаны хицауад æмæ гарзджын тыхтæм ис ныгуылæн æххæст æххуыс, Мах никуы бауадздзыстæм, «Талибан» ацы бæстæйы æдасдзинад рискъы бын бакæна»,- райхъусын кодта Метис.