АИШ-ы хъахъхъæнынады бюджетон закъонæй Гуырдзыстонæн рахицæнгонд суммæ 132 025 000 млн АИШ доллар у
АИШ-ы 2020 азы хъахъхъæнынады бюджетон закъоны æнæхъæн текст, кæцыйы мидæг Гуырдзыстонæн æххуыс кой ис, абон æрцыд публикацигонд.
Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, 2020 азы акты Гуырдзыстонæн рахицæнгонд суммæ нысаниуæгджынæй фæфылдæр ис æмæ 132 025 000 милуан АИШ доллармæ схызт, кæцы уый Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы ахастыты историйы дæргъы, сегасæй бæрзонддæр нысан.
Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдоны банысан кодтой, цæмæй АИШ-ы бюджетон закъоны мидæг ис ныффыст Гуырдзыстоны регионты æнæбанымады цæстæнгасæй.
«Америкæйы президент Донлаьд Трамп къух бафыста Конгрессы бæлвырд ассигнациты консолидацигонд акт 2020 фискалон азмæ. Фæнысангонд закон æндæр фарстатимæ иумæ, бæлвырд кæны АИШ-ы приоритеттæ партнер бæстæтæн æххуысы æрдгæй. Нысаниуæгджын у, цæмæй 2020 фискалон азы закъоны мидæг ахсджиаг ныффыст ис Гуырдзыстоны регионты деоккупацийы æмæ æнæбанымады тыххæй.
Актмæ гæсгæйæ, фæнысангонд закъонæй рахицæнгонд финансдзинадæй не спайда кæндзæн никæцы бæстæйы централон хицауад, кæд æмæ АИШ-ы паддзахадон нымæрдар сбæлвырд кæндзæн æмæ финансон комитетæн бавдисдзæн хыгъдлæвæрд уый фæдыл, ома фæнысангонд бæстæ банымадта Уæрæсейы æрдгæй оккупацигонд Абхазы æмæ Цхинвалы регион/Хуссар Ирыстоны хæдбарад, кæнæ семæ æрфидар кодта дипломативон ахастытæ. Афтæдæр фæнысангонд закъонæй рауæлдайгонд искæцы хуызы финансдзинадæй нæй гæнæн спайда кæной Уæрæсейы æрдгæй Абхаз æмæ Цхинвалы регион/Хуссар Ирыстоны оккупацийы æххусæн. Ассигнациты консолидацигонд акт сиды АИШ-ы къазнайы департаментмæ æмбæлон инструкци ратта æхсæнадæмон финансон институтты АИШ-ы æххæстгæнæг директортæн, цæмæй уыдон йæ фарс ма рахæцой кæцыфæнды уыцы программæйы сфинанс кæнынæн (хæсы, крдеиты æмæ гарантийы банымаæй) кæцы агайы Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинад.
2020 азы акты Гуырдзыстонæн рауæлдайгонд суммæ нысаниуæгджынæй райрæзтис æмæ аххæссыд 132 025 000 АИШ доллармæ, кæцы Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы ахастыты дæргъы, сегасæй бæрзонддæр нысан у», – хуъсын кæнынц Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады.
Акт йæ тыхмæ бацыд, АИШ-ы президент йыл къухæвæрды моментæй уайтагъд.