АИШ-ы хъахъъæнынад авторизаций акты, фиксиргонд у Гуырдзыстоны, НАТО-йы уæнг суæвынæн æнцой
АИШ-ы  хъахъъæнынад  авторизаций   акты, фиксиргонд у  Гуырдзыстоны, НАТО-йы уæнг суæвынæн æнцой

АИШ-ы  националон авторизацийы   акты,  кæцыйыл къух  рафыста Дональд Трамп,  фиксиргонд у  НАТО-йы  «гом дуары»  политикæйы, уый нымæцы Гуырдызстоны НАТО-йы  уæнгсуæвынæн  фарс рахæцын –уый фæдыл   банысангонд у информацийы,   кæцыйы  Гуырдызстоны  фæсарæн хъуыддæгты  министрад хæлиу кæны.

Уагдоны   хъусинагæй, хъахъхæнынады  авторизацийы  акт бæрæг кæны  2019 фискалон азмæ АИШ-ы  хъахъхъæнынады  департаменты  бюджеты приоритеттæ.

«Нысаниуæгджын у уый æмæ,  акты ныффыстмæ гæсгæйæ,   Европæйы æдасдзинады  контексты,  Сау Денджызы æмæ Балтийы  бæстæтимæ иумæ,  Гуырдыстон нымадмæ ист цæуы,  куыд АИШ-ы  æмцæдисон  æмæ  партнер.

«Закъоны с#1248 дæл сæр, Европæйы  Уæрæсейы  агрессийы   бауромынмæ  æххæссы  (SENSE OF SENATE ON ENHANCING DETERRENCE AGAINST RUSSIAN AGGRESSION IN EUROPE). Ацы  скуыддзагы  банысангонд у, цæмй НАТО-имæ  къуындæг   координацийæ,  Европæйы АИШ-ы æмцдисонты  æмæ  партнерты  хæдиргъæфхъомад сбæрзонддæр кæнын,  АИШ-ы   националон инетерс у æмæ  лæккад  кæны  цæгат-атлантикон   бадзырдæй  лæвæрд  хæстæ  сæххæстмæ,  кæцы йæхи æрдгæй  у  Уæрæсейы  агрессийы  уромæг  комплексон  стратегий.  Фæнысангонд   сæры  мидæг ис  Гуырдзыстонимæ  баст нысаниуæгджын  æрвитæггæгтæ дæр.

Сæрмагондæй та,  документы мидæг банысангонд у,  цæмæй  Европæйы  АИШ-ы  æмцæдисонты æмæ  партнерты  фæтхыджндæр кæнынæн,  АИШ-ы  хъахъхъæнынады нымæрдар,   падздахадон нымæрдаримæ  æмæ   Европæйы АИШ-ы  сæрдарадимæ координиргондæй,   хъуамæ баахъаз кæны Гуырдзыстонæн  æдасдзинады сферæйы   нысаниуæгджын æххуыс,у ый нымæцы хииргъæвæн леталон фæрæзтæй,  кæцы фæтыхджындæр кæндзæн Гуырдзыстоны хæдиргъæфхъомад  æмæ фæхуыздæр кæндзæн  НАТО-ы  тыхтимæ æмбынатидзинад.

Уыйимæ иумæ ма,   закъон сиды  администраицмæ бакуса   æмæ сæххæст кæна æдасдзинады  сферæйы  æмгуыстады æппæтылæххæссæг стратегий,  кæцы  æххæссы Европæйы   АИШ-ы   æмцæдисонты æмæ  партнертæн, сæрмагондæй Уæрæсейаг агрессийы  æмæ  зианхæссæг æндæвдады  нысанмæ ист  бæстæтæн  æххуысмæ.

Документ афтæдæр  хахх кæны  Гуырдзыстон æмæ Украинæйы  хайадæй, Сау денджызы  НАТО-йы æмæ  æндæр  бирæнацион  ахуыртæ ауадзыны  арæхады, масштабы æмæ  сценариты  ауæрæхдæр кæныны  нысаниуæг.

Закъоны мидæг фиксиргонд у  НАТО-йы  «гом дуары»  политикæйы, уый нымæцы Гуырдызстоны НАТО-йы  уæнгсуæвынæн  фарс рахæцын.

Закъондæттæн æмвæзадыл  Гуырдзыстоны националон  интересты æмæ   æдасдзинады  темæты  зæрдыл бадарын ноджы иу хатт бæлвырд кæны  Гуырдзыстонимæ баст  фарстаты нысаниуæг, АИШ-ы администрацийы  политикъон  боны фæткъы» – банысангонд у  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министрады информацийы.