АИШ-ы къазнайы департамент Анкарайæн рагфæдзæхст дæтты, цæмæй Уæрæсе санкциты иувæрсты ацæуынæн архайы спайда кæна Туркæй
АИШ-æ Анкарайæн рагфæдзæхст дæтты, цæмæй Уæрæсе санкциты иувæрсты ацæуынæн архайы спайда кæна Туркæй. Фæнысангонды фæдыл АИШ-ы къазнайы департаменты фидиуæны дзырдæуы.
«19 августы къазнайы нымæрдары хæдивæг Уолли Адейемо фæныхас кодта Турчы финансты министры хæдивæг Юнус Элитасимæ, цæмæй æркастаит цæугæ тыхархайд Украинамæ бырсты тыххæй, Уæрæсейы ныхмæ фидаргонд уæрæх бирæфарсон санкциты сыххæст кæнынæн.
Нымæрдары хæдивæг Адейемæ мæстыдзинад равдыста, ома Уæрæсе юридикон æмæ физикон уæнгтæ архайынц, спайда кæной Туркæйы, АИШ-ы æмæ 30 бæстæйы æрдгæй фидаргонд санкциты иувæрсты ацæуынæн», – дзырдæуы фидиуæны.