АИШ-ы алкоголон нозты æхсæнадæмон равдысты гуырдзиаг сæны æмæ акологолон нозты амалгæнæг 23 компани исы хайад
9-10 марты, АИШ-ы горæт Нью-Йоркы сæны æмæ алкоголон нозты æхсæнадæмон райтынг «Vinexpo America » цæуы, кæцыйы сæны национ агентады æххуысæй, гуырдзиаг сæны æмæ алкоголон нозты уадзæг 23 компани исы хайад.
Сæны национ агентады куыд банысан кодтой афтæмæй, уый у гуырдзиаг сæны сегасдæр масштабон æхсæнадæмон бавдыст «Ковид-19»-ы пандемийы фæстæ.
Райтынгы фæлгæтты сæны националон агентады сæрдар Леван Мехузла сæны индустрийы минæвæрттимæ фембæлдис.
«Базарты диверсификацийы æмæ экспортон потенциал райрæзын кæнын у нæ сæйраг рард. Америкæйы стратегион базарыл æрбынат кнынæн, гуырдзиаг сæндуцджытæн ацы райтынг ук ноджы иу дзæбæх фадат ног базарадон партнерты æмæ фæлхасгæнджыты бацагурынæн. Гуырдзиаг сны зонындзинад сбæрзонддæр кæнынæн, паддзахад цæугæ азы дæр активон адарддæр кæндзæн æндæр æмæ æндæр мадзæлтты организацидзинад Америкæйы Иугонд Штатты», – банысан кодта Леван Мехузла.
АИШ гуырдзиаг сæнæн у иуæй-иу сеппæтæй ахсджиаг стратегиион базар, цыран 2021 азы сфиксир ис экспорты историон максимум – иу милуан авг гуырдзиаг сæн.