АИШ-ы æмæ Канадæйы рекордон тæвды  прогноз дæттынц
АИШ-ы æмæ Канадæйы рекордон тæвды прогноз дæттынц

АИШ-ы æмæ Канадæйы   аномалион  тæвды  тыххæй фæдзæхсынц.  АИШ-ы  метеорологион куысты информацийæ,   бæрзонд температурæ  Нью-Йоркы, Вашингтоны æмæ Бостоны  сфиксир уыдзæн,  цы ран 200  милуаны онг адæймаг  цæры.

Фæдылдзог 24  сахаты  ркордонæй бæрзонд тæвды  тыххæй,  Нью-Йоркъы мэр сахары  уæлвæтк уавæр æрбайста.  Бил де Бласио  цæрджытæм æрсидтис,  температурæйы рæзтмæ серьозон ахаст дарæт  æмæ æмбæлон мадзæлттæ райсæт. Нью-Йоркы  мэры  æмбарынгæнæнмæ гæсгæ,  ахæм бæрзонд темперратурæ  сахары  дæсой азы дæргъы  нæ уыдис.  Уæлвæтк мадзæлттæ райстой  АИШ-ы  æндæр  сахарты дæр.  Хицæн рæтты   уæлдæфы   температурæ, гæнæн ис  38  градус цельсимæ  аххæсса.

Аномалион бæрзонд температурæйы  уылæн  аххæссдзæн Канадæйы  хицæн  регионтыл дæр.  Торонтойы  синоптиктæ  40 градус цельсийы  прогноз дæттынц. Бæрзонд  температурæйы уылæн  Къвебекъ æмæ Онтариомæ дæр баххæсдзæн.