АИШ-ы æмæ Европæйы бæстæты ныууадзын тыхбын бауыдзæн 100-йæ фылдæр уырыссаг дипломат
Стыр Британийы хицауад уырыссаг агенты Сергей Скрипалы æмæ йæ хъæбулы фæхъæстæйыл бæрн Уæрæсейыл куы сæвæрдта æмæ 23 уырыссаг дипломаты феддæдуаркæныны скуыддзаг куы райста уый фæстæ, Мæскуыйы ныхмæ мадзæлттæ райстой ноджы 19 паддзахады.
Уырыссаг дипломатты феддæдуар кæндзæн АИШ-æ, Канадæ, Украинæ, Албани æмæ Евроцæдисы 15 уæнг паддзахад. Фыдыбæстæмæ æрыздæхын бахъæудзæн 100-йæ фылдæр уырыссаг дипломатæн.
Алкæмæй фылдæр дипломаты ратардзæн АИШ-æ. Америкæ ныууадзын тыхбын бауыдзысты Уæрæсейы дипломативон миссийы 60 кусæгы. Дональд Трампы администрацийы хъусын кæнынц, цæмæй Вашингтон цæттæ у, хъæугæ цауы, уæлæмхас къахдзæфтæ сараза. Паддзахадон департаменты фидиуæнæй, АИШ-æ уырыссаг дипломатты ратарыны скуыддзаг НАТО-аг æмцæдисонтимæ æмæ партнертимæ координиргондæй райста Стыр Британийы территорийыл Уæрæсейы æрдгæй, æфсæддон типы химикъон хæцæнгарзæй спайдайы дзуаппæн.
Уымæй уæлдай ма АИШ-æ Сиэтлы æрыхгæндзæн Уæрæсейы генералон консулад.Цыппар Уырыссаг диплоаты расурдзæн Канадæ. «сæ цыппардæр идентифиуциргонд сты куыд бæрæгдзау куысты минæвæрттæ æмæ уæнгтæ, æцытæ дипломативон статусæй пайда кодтой Канадæйы æдадсзинады ныхмæ кæнæ нæ демократимæ хифæкæнынæн»м- райхъусын кодта Канадæйы фæсарæн хъуыддæгты министр Кристина Фриланд.
Германи æмæ Франц, раддæдуар кæндзысты фæйнæ цыппар уырыссаг дипломаты.
Польшæйæ рацæудзæн афтæдæр 4 дипломат. Уæрæсейы дипломативон миссийы фæйнæ æртæ минæвары бахъæудзæн Литвæ æмæ Чехийы ныууадзын.
Италийы фæсарæн хъуыддæгты министрад райхъусын кодта, цæмæй Ромы уæвæг Уæрæсейы минæварадæй ратардзысты 2 длипломаты. Уæрæсмейы дипломативон куысты фæйнæ дыууæ кусæгы рарвитдзысты Испанийæ, Нидерландтæй æмæ Данийæ.
Литвæ, Эстони, Финлянди, Румыни æмæ Хорвати раддæдуар кæндзысты фæйнæ уырыссаг дипломаты.
Стыр Британийæн солидарондзинад расидтис Украинæ æмæ бæстæйæ 13 уырыссаг дипломаты ратардзæн.
Дыууæ уырыссаг дипломаты персона ногн-граттæйы расидтис Албани дæр.