АИШ-ы æфсæддон гæстæ, Сирийы цæгат-скæсæны районтæй рацыд райдыдтаой. АИШ-ы хицауады минæвæрттæ агентад «Ройтерæн» фехъусын кодтой, цæмæй зæгъгæ америкаг æфсæддæттæ ныридæгæн ныууагъдтой Тел Абиадийы æмæ Рас ал Аины цæстдарæн пунктытæ.
Курдаг æфсæддон къорд, «Адæмон хъаххъæды иугæндтæ» ацы уынаффæ бафаудтой æмæ Вашингтоны йæ хæцджыты фæуадзыны фæаххосджын кодтой.
«Цæугæ азы январы, АИШ-ыпрезидент, Дональд Трамп загъта, цæмæй курдаг тыхтæм бырстыты цауы, Туркы экономикæ скуынæг кодтаит. Æсæдды ракæныны фæдыл фидиуæн, Урс Хæдзар Дональд Трампы æмæ Реджеб Тайип Эрдогъаны телефонон ныхасы фæстæ ахæлиу кодта. Турчы президент Сирийы цæгаты «Æдас зонæ» саразын æмæ Туркæй сирийан лигъдæтты аргъæвын план кæны.