АИШ, уырыссаг олигархты активты бацагуырд æмæ сæ ныййих кæнынæн специалон къорд сараздзæн
АИШ-ы райхъусын кодтой специалон къорд саразыны фæдыл, кæцы сакнцитæм хаугæ уырыссаг олигархты атиквтæ рабæрæг кæндзæн æмæ сæ ныййих кæндзæн. Уый фæдыл информаци Урс хæдзары «Твиттеры» фарсыл у публикацигонд.
«Цæугæ къуырийы сарыздзыстæм трансатлантикон къорд санкцитæ кæмæ æмбæлынц уыцы уырыссаг компаниты æмæ аолигархты активтæ бацагурынæн, æмæ сæ ныййих кæнынæн – сæ яхтæты, сæ галуантæ æмæ цыфæнды æндæр æнæзаконон æфтиагы, кæцы нæ бон у ссарын æмæ йæ закъонмæ гæсгæйæ ныййих кæнын» – дзырдæуы Урс Хæдзары фидиуæны.
Британи санкцитæ кæцы уырыссаг олигархтæм æмбæлынц уыдоны ног ранымад рафыста. Бриатнийы фæсарæн хъуыддæгты министры, Лиз Трасы дзырдæй, тобæтæ ныр фылдæр клептократмæ баххæссдзысты.