АИШ Укранайæн аст иуæг уæлдæфыныхмæ хъахъхъæды системæ «NASAMS». Уый фæдыл фехъусын кодтой Пентагоны.
Фидиуæны банысангонд у, цæмæй æввахс фидæны Украинайы дыууæ системæ æрлæудзæн, ноджы æхсæз та фæстæдæр арвитдзысты.
Пентагоны информацийæ, Украина афтæдæр райсдзæн уæлдæфон хъахъъхæды системæтæ æндæр бæстæтæй.
«Афтæдæр баныфсвæрдтам, цæмæй æнæпилот хæдтæхджыты ныхмæ мадзæлттæ скæндзыстæм, уый нымæцы «Вампиры» системæ æмæ æндæр радарты системæтæ, уымæн æмæ зонæм, цæмæй æнæпилот хæдтæхджыты тас ацытæккæ афтæдæр серьозон у» банысангонд у фидиуæны.