Æфсæдтон операци Сирийы
Æфсæдтон операци Сирийы

АИШ, Стыр Британи æмæ Франц Сирийы авиацæфтæ сыххæст кодтой

Уый фæдыл АИШы гæрзифтонг тыхты иугонд штабты сæрдар, генерал Джозеф Данфорд Пентагоны брифингыл расидтис.

Данфорды расидæнмæ гæсгæ, иуæй иу нысан иртастон центр уыд, кæцыйы химион хæцæнгарзыл куыст даргъ кæны. Иннæ та химион хæцæнгарзы æвæрæн уыд.

АИШы президент Дональд Трамп абон расидтис, цæмæй горæт Думайы химион хæцæнгарзæй бабырсты дзуаппæн Сирийыл ракетон цæфты сæххæсты бардзырд алæвæрдта.

Сирийы хициуады ныхмæ операцийы Стыр Британи æмæ Франц сты баст.

АИШ-ы президент Дональд Трампы раисдæны фæстæ, Сирийы сæйраг сахар Дамаскы рæмыгъьтытæ æрцыд.