АИШ, Александр Лукашенкойы Белорусы легитимон президентыл нæ нымайы
АИШ, Александр Лукашенкойы Белорусы легитимон президентыл нæ нымайы. Паддзахадон департаменты куыд фехъусын кодтой афтæмæй, 9 августы Белорусы уагъд æвзæрстытæ сæрибар æмæ рæстаг нæ уыдысты.
«АИШ-æ йæ бон нæу Александр Лукашенкойы Белорусы легитимонæй æвзæрст президентыл банымайын. 8 августы æвзæрстытæ сæрибар æмæ рæстаг нæ уыдысты. Публикацигонд фæстиуджытæ уыдысты фальсификацигонд æмæ сын легитимон ницы ис», – фехъусын кодтой АИШ-ы паддзахадон департаменты.
Бакой уын кæндзыстæм, 23 сентябры Минскы Александр Лукашенкойы инаугураци æнæ анонстæй ацыд.