АИШ æмæ змæлд «Талибан» сабырадон бадзырды проектыл æрныхас кодтой. Уый фæдыл фидиуæн, АИШ-ы специалон минæвар Залмай Халил Заде сарызта, кæцы Кабулы уæвы.
«Ис нæм проект, кæцыйыл нæ бахъæудзæн бакусын, талибтæ сæхимæ бæрн исынц, цæмæй Афгъанистан терриористты базæйæ нæ фестдзæн.
Ацы рæстæджы америкаг æфсæддæттæ Афгъанистанæй æххæстæй рацæудзысты. Уый бæсты та змæлд «Талибан» æхст бауромдзæн æмæ Афгъанистаны хицауадимæ диалог райдайдзæн.
«Талибаны» минæвæрттæ хъусын кæнынц, цæмæй Афгъанистаны президент Ашраф Гъаниимæ бадзырдтæ æрмæст уый фæстæ райдадзысты, америкаг æфсæддæттæ бæстæйæ куы ацæудзысты уæд.