АИШ-æ Ираны атомон бадзырдæй рацæудзæн
АИШ-æ Ираны  атомон бадзырдæй рацæудзæн

АИШ-æ  Ираны  атомон  бадзырдæй  рацæудзæн –  уый фæдыл  АИШ-ы президент Дональд Трамп  цалдæр минуты размæ   сæрмагонд  брифингыл райхъусын кодта.

«Бадзырдæй  рацæудзыстæм, фæлæ  æмкуыст кæндзыстæм  æмцæдисонтимæ, цæмæй  æппæттылæххæссæг  рацæуæнмæ æрхæццæ уæм.  Кæд Иран  адарддæр кæндзæн   атомон программæ, уæд йы сæвзæрдзысты ахæм егъау проблемæтæ, цахæм йын  ныры онг никуы  уыдис» – райхъусын кодта  Трамп.

Ираны æмæ Æхсæнадæмн æхсæзы  ( АИШ, Стыр Британи, Франц, Германи, Китай  æмæ  Уæрæсеы) æхсæн, 2015 азы  къурафыст   бадзырдæн йæ мысан у, Тегераны æрдгæй  атомон программæйы нæзагъды  бæсты,   экономикон  санкциты  этапгай  аивын.

2015 азы къурафыст  Ираны  атомон бадзырды Дональд Трамп  схуыдта, историйы  сеппæтæй  æвзæрдæр  бадзырдæй.  Трампы  позицимæ æнæкæсгæйæ, Германи, Бриатни æмæ  Франц, бадзырдæй  рацæуын нæ хъавынц.