Афганистаны зæххæнкъуысты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 1400-йæ фылдæр у
Афганистаны зæххæнкъуысты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 1400-йæ ахызт – уый фæдыл «Талибаны» хицауад хъусын кæны.
Хицауад нæ аиуварс кæны зианбаййафджыты нымæцы рæзт. Афганистаны скæсæны хæххон районты дарддæр кусынц ирвæзынгæнæн къордтæ.
Афганистаны 31-æм августы æрцыд 6 магнитудæйы зæххæнкъуыст. Фыдбылыз ныппырх кодта æнæхъæн цæрæн бынæттæ Кунар провинцийы Пакистанимæ арæн кæмæн ис, уым. Зæнкъуыстытæ кæцыдæр бынæтты расайдтой зæххы зæйтæ, фæндæгтæ æрæхгæдтой. Зæххæнкъуысты фæстиуæгæн «Талибан» сиды æхсæнадæмон æххуысмæ.
Иугонд Паддзахад иу милуан фунт рахицæн кодта гуманитарон уагдæттæн, цæмæй баххуыс кæной Афганистаны зианбаййафæг цæрджытæн, уымæн æмæ Стыр Британи «Талибаны» хицауад нæ нымайы. Уымæй уæлдай ма, Китай Афганистаны хицауадæн æххуыс бавдыста.