Æвзарæнон реформæйы проект парламенты бюройы рабадтмæ  æнхъæлцау абон рахæсдзысты
Æвзарæнон реформæйы проект парламенты бюройы рабадтмæ æнхъæлцау абон рахæсдзысты

Æвзарæнон   реформæйы  проект парламенты бюройы  рабадтмæ  абон рахæсдзысты.

Проектмæ гæсгæйæ, ивд цæуы  хъæлæс кæныны  системæ,  афтæма æвзарæнон  даууты  кæсыны  уаг,  арæн кæны  администрацион ресурсæй  пайда кæнын  æмæ  ног уагæй  скомплект уыдзæн  æвзарæнон администраци.

Къорды  бакуыст  реформæ  уыцы меморандумыл æнцойæвæрд у,  кæцы  «Гуырдзиаг Бæллиццы» æмæ «Æмбæстæгты» æхсæн  уыд бафыст.   Ацы  документмæ гæсгæйæ, æвзарæнон   реформæ  фундаментонæй ауадзын хъæуы.   Политикон  фарсыты æхсæн  разыдзинадмæ гæсгæйæ,    ивдтыты кæсын  марты  райдайдзысты,  фыццаг  майы  онг та сæ  хъуамæ сбæлвырд кæной.  Науæд та Алеко Элисашвили  куыд  загъта афтæмæй,   йæ парти  парламентæй  рацæудзæнис.