Гуырдзыстоны маскæ гом æмæ æхгæд тыгъдадты æнæмæнг дарыны уагы æмгъуыд адарддæр кæнын хъавынц

12:57, 14.02.2021

Гуырдзыстоны   маскæтæ гом æмæ   æхгæд тыгъдады æнæмæнгхъæугæйæ  дарыны   æмгъуыдтæ адарддæр кæнынц   хъавынц.  Æмбæлгæ  ивддзинæдтæ   парламенты  бюройы рабадтмæ  сом бавдыст уыдзæн.

Абон архайæг законæй   маскæ дарын  æнæмæнгхъæугæ у  2 марты онг, фæлæ   ноджы цас рæстæг аххæсдзæн ацы  уаг, уый  закъонопроекты касты рæстæджы  сбæрæг уыдзæн.  Закъонопроект  та йæ хъуыдыйы  дары  администрацион  бæрн – ивар  20 ларийы бæрц  пандемийы кæнæ  эпидемийы  рæстæджы,  гом тыгъдады  маскæ дарыны  уаг халыны тыххæй.

Афтæма, закъонопроектæй фæстæмæ   арæнгонд уыдзæн администрацион бæрн – ивар 50 ларийы бæрц пандемийы кæнæ эпидемийы  рæстæджы гом кæнæ æхгæд тыгъдлады  æмæ æхсæнадон  транспортæй кæнæ таксийæ  (М1 категори)  змæлды рæстæджы  маскæ  дарыны  уаг  фæлхатгæ  халыны тыххæй.

Хуыздæр