Æвзарæнон реформæйы проект парламенты бюройы рабадтмæ æнхъæлцау абон рахæсдзысты
Æвзарæнон реформæйы проект парламенты бюройы рабадтмæ абон рахæсдзысты.
Проектмæ гæсгæйæ, ивд цæуы хъæлæс кæныны системæ, афтæма æвзарæнон даууты кæсыны уаг, арæн кæны администрацион ресурсæй пайда кæнын æмæ ног уагæй скомплект уыдзæн æвзарæнон администраци.
Къорды бакуыст реформæ уыцы меморандумыл æнцойæвæрд у, кæцы «Гуырдзиаг Бæллиццы» æмæ «Æмбæстæгты» æхсæн уыд бафыст. Ацы документмæ гæсгæйæ, æвзарæнон реформæ фундаментонæй ауадзын хъæуы. Политикон фарсыты æхсæн разыдзинадмæ гæсгæйæ, ивдтыты кæсын марты райдайдзысты, фыццаг майы онг та сæ хъуамæ сбæлвырд кæной. Науæд та Алеко Элисашвили куыд загъта афтæмæй, йæ парти парламентæй рацæудзæнис.