Æвзæр боныгъæды тыххæй, автомобилон фæндæгты æндæр æмæ æндæр фадгуытыл змæлды специалон режимтæ архайынц
Автомобилон фæндæгты департамент фæндæгтыл уæвæг уавæры фæдыл информаци хуъсын кæны.
Автомобилон фæндæгты департаменты куыд хъусын кæнынц афтæмæй, фæндæгты департамент æмæ йæ контрактор организацитæ мобилизацигонд сты алы æрдæмадæй, фæндæгтæ 24 сахатон режимы интенсивонæй сыгъдæг кæнын æмæ дзы згъалынц техникон цæх.
Æрдзы националон агентады хъусинагæй, ацы рæстæгмæ æхсæнадæмон нысаниуæгы Мцхета-Степанцъминда-Ларсы автомобилон фæндаджы Гудаури-Къобийы фадыгыл зæйазары бæрзонд æмвæзад ис, цæй тыххæй змæлд фæнысангонд фадыгыл фæдзæхст алы хуызæн аввтотранспортæн. Млета-Гудауры фадыгыл автотранспорты змæлд æххæст цæудзæн, æнæруромгæ режимы. Афтæма стыр миты æмæ зæйазары тыххæй, мидпаддзахадон нысаниуæгы Зугдид-Джвари-Местиа-Ласдилы фæндагыл (Джвари-Ласдили) фадыгыл фæдзæхст алыхуызæн автотранспорты змæлд.
Интенсивон дæлдзырæтты фæстиуæгæн сæвæргæ сыджыт-лæсæнон процессты тыххæй, æхсæнадæмон нысаниуæгы Ахалкалак-Къарцъахы атомобилон фæндагыл миддпаддзахадон нысаниуæгы Ничбиси-Дидгори- ДидиТонетийы фæндагыл æмæ Ахалцихе-Ниноцъминдайы автомобилон фæндаджы км90-км112 фадыгыл фæдзæхст у алыхуызæн автотранспорты змæлд», – дзырдæуы ахæлиугонд информацийы.