Æввахс æртæ боны дæргъы Гуырдзыстоны температурæ 16 градусы онг схъарм уыдзæн
Æрдзы националон агентад Гуырдзыстоны 15-18 январы æнхъæлмæ кæсинаг боныгъæды фæдыл информаци публикаци кæны.
Сæ информацийæ 15-16 æмæ 18 январы Гуырдзыстоны дæлдзырæттæ нæ уыдзæн, æхсæвы хъызт фæлæмæгъ уыдзæн, бонæй дæр температурæ схъарм удызæн. 17 январы иуæй-иу рæтты æнхъæлмæкæсинаг сты дæлдзырæттæ. Тбилисы не руардзæн, уæлдæфы температурæ боны сахатты ыдзæн +9, +11 градусы онг.
Æрдзы националон агентады хъусинагæй, донбыл районты (Батум, Кобулет, Анаклиа, Поти): 15-16 æмæ 18 январы дæлдзырæттæ нæ уыдзæн, 17 январы та уардзæн къæвда. Уæлдæфы тмпературæ боны сахатты +10, +15 градус сфиксир уыдзæн.
Хурыскæсæн Гуырдзыстоны бæрзондхохджын регионты (Ахалкалак, Цъалка, Бакуриан, Гудаур, Омало) 15-16 æмæ 18 январы дæлдзырæттæ нæ уыдзæн, æрмæст 17 январы ранæй-рæтты уардзæн мит. Уæлдæфы температурæ боны сахатты 0,+5 градус сфиксир уыдзæн.
Боныгъæды фæдыл деталон информацийы фенын гæнæн ис дæнцыл:
www.meteo.gov.ge