Æртæ оппозицион цæдисы минæвæрттæ хъусын кæнынц, цæмæй архайæн пълан къуырисæры  Руставелийы проспектыл бавдисдзысты.
Æртæ оппозицион цæдисы минæвæрттæ хъусын кæнынц, цæмæй архайæн пълан къуырисæры Руставелийы проспектыл бавдисдзысты.

Æртæ опозицион цæдисы минæвæртты фембæлд фæцис.

Фембæлды фæуды фæстæ, «Тыхджын Гуырдзыстоны» коалицийы уæнгтæй иу, Ана Долидзе журналисттæн расидтис, цæмæй майрæмбоны Руставелийы фембæлдзысты æмæ деталонæй æхсæнадæн базонгæ кæндзысты архайæн пълан.

«Нæ сæйраг хæс у тох кæнын, цæмæй ацы æвзæрстытæ æнæлегитимоныл банымайой. Дарддæр кæндзыстæм куыст нæ партнертимæ, куыд куыстам цалдæр боны æмæ уый фæстиуæгæн нæ банымадтой. Мах фембæлдзыстæм дыццæджы, изæры авд сахатыл Руставелийы, æмæ уым деталонæй радзурдзыстæм архайæн планы тыххæй, куыд, хæдзары кæнæ фæсарæнты, закъонмæ гæсгæ, юридикон æгъдауæй, сабырæй, фæлæ организгонд æмæ эффективонæй , нæ протест адарддæр уыдзæн» – расидтис Долидзе Ана.

Фембæлдыл уыдысты æртæ оппозицион цæдисы минæвæрттæ: «Ивæндзинæдты коалици», «Тыхджын Гуырдзыстон» æмæ «Иудзинад-националон змæлд». Уымæй уæлдай ма, фембæлдыл «Гахариа Гуырдзыстоны тыххæй» минæвæрттæ дæр нæ уыдысты.