Æрдзы националон агентады хъусинагæй,9-12 январы Гуырдзыстоны уæлдæфы температурæ нысаниуæгджынæй фæуазал уыдзæн
Æрдзы националон агенатды хъусинагæй, 9-12 январы, Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг у уæлдæфы температурæйы нысаниуæгджынæй фæуазал, хурыскæсæн Гуырдзыстоны, ранæй-рæтты – фидар митуардимæ.
Æрдзы националон агенатды информацийæ, 10-12 январы Сау денджызы донбыл районты, Уæллаг Имереты, Колхеты тæрфы æмæ Гур-Сурамы фæндаджы фадыгыл рæстæгæй-рæстæгмæ дымдзæн хурыскæсæны æрдæм фидар дымгæ (32-34 метр –сикунды). Автомобилон фæндæгты хицæн фадгуытыл æнхъæлмæкæсинаг у мигъ, тымыгъ, кæлæх, электроадæттæн хаххытыл гæнæн ис ихцъар фæзына.
«10-11 январы æхсæвы сахатты ныгуылæн Гуырдзыстоны ныллæг зонæты, уæлдæфы температурæ -3,-5 градусы онг æнхъæлмæкæсинаг фæуазал, гæнæн ис цитрусты культурæйы (сæрмагондæй лимоны) базиан кæнын. Хурыскæсæн Гуырдзыстоны тæрфы та температурæ -8, -10 градусы онг фæуазал – æнæмит баззайгæ фæззыгон тауæнты базиан кæндзæн» – дзырдæуы æрдзы националон агенатды ахæлиугонд информацийы.