Æрдзы националон агентад – Гуырдзыстоны территорийыл  æнхъæлмæкæсинаг у температерæйы рæзт, кæцы  хъæды зынгсирвæзтыты  æмæ  цъитийы  тайынимæ баст  процессты  актвизацийы цырынгæнæг у
Æрдзы националон агентад – Гуырдзыстоны территорийыл æнхъæлмæкæсинаг у температерæйы рæзт, кæцы хъæды зынгсирвæзтыты æмæ цъитийы тайынимæ баст процессты актвизацийы цырынгæнæг у

Æрдзы  националон  агентады  информацийæ,  цæугæ  къуырийы   дæргъы  Гуырдзыстоны территорийыл   æнхъæлмæкæсинаг  у   уæлдæфы   температурæйы рæзт (хъармы  уылæн).

Æрдзы националон агентады   куыд  хъусын кæнынц  афтæмæй,   æнхъæлмæкæсинаг   бæрзонд температурæ  хъæды зынгсирвæзтыты  æмæ  цъититы тайынимæ баст  процессты  активизаци цырынгæнæг уавæр у.

«Хицæн бонты  ныгуылæн Гуырдзыстоны   ныллæг  зонæты    уæлдæфы температурæ   гæнæн ис  37-39 градусмæ схиза, хуырскæсæн Гуырдзыстоны  ныллæг зонæты  39 -41 градусмæ ахæццæ уа.  Бæстæйы  хохджын районты  æнхъæлмæкæсинаг  боны  максималон температурæ у  33-38 градусы, уæлхох рæтты  28-33  градусы онг  уыдзæн.   Æнхъæлмæкæсинаг   бæрзонд температурæтæ  хъармы стрессы, хъæдды зынгсирвæзтыты æмæ  цъититы  тайынимæ баст процессты  цырынгæнæг  уавæр у», –   дзырдæуы   информацийы.