Æрдзы националон агентад æнхъæлмæкæсинаг боныгъæды фæдыл рагфæдзæхст дæтты цæрджытæн
Æрдзы националон агентад æнхъæлмæкæсинаг боныгъæды фæдыл цæрджытæн рагфæдзæхст дæтты.
Агентады информацийы куыд у банысангонд афтæмæй, 9-11 январы Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг сты дæлдзырæттæ, хохы æмæ уæлхох рæтты митуард, ранæй-ран тыхджын (10-11 январы гæнæн ис митуарын хурыскæсæн Гуырдзыстоны ныллæг зонæты дæр фæбæрæг уа) мигъ, тымыгъ, фæндæгтыл кæлæх æмæ зæййы азар. Денджызыл гæнæн ис 3-4 баллы тыхы шторм.
«Стыр миты, цæст дзæбæх кæй не взардзæн уый тыххæй, афтæма тымыгъы, кæлæхы æмæ зæййы азары тыххæй автомобилон фæндæгты хицæн фадгуытыл гæнæн ис арæнæврд уа транспорты змæлд.
Æнхъæлмæкæсинаг дæлдзырæттæ ныгуылæн Гуырдзыстоны цæугæдæттыл гæнæн ис, доны бæрзæнды нысаниуæгджын рæзт, æрмæст къуыппытæ рæтты та сыджыт-лæсæнон процессты сæвзæрд-активаци расайа», – банысангонд у æрдзы националон агентады информацийы.