Æрдзы национ агентад цæрджыты фæдзæхсы боныгъæд фæфыддæры фæдыл.
«21 июны боны дыккаг хайæ, 23 июны сæумæрайсоммæ, Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг у рæстæгæй-рæстæгмæ къæвда æмæ арвнæрд, ранæй-рæтты фидар (Ныгуылæн Гуырдзыстоны) гæнæн ис ихуард, уад, денджызыл 3-4 баллы тыхы шторм.
Æнхъæлмæкæсинаг фидар дæлдзырæттæ, гæнæн ис, расайа Гуырдзыстоны цæугæдæттыл донивылдтæ, уæлхох зонæты та сыджытлæсæн процессты сæвзæрд-активаци», – банысангонд у æрдзы националон агентады информацийы.