Æппæтыкæрон бæрæггæнæнтæй, Владимир Зеленскийæн схъæлæс кодта 13, 5 милуан æвзæрстгæнæг
Украинæйы президентон æвзæрстыты Владимир Зеленскийæн схъæлæс кодта 13,5 милуан (73.22 процент) æвзæрстгæнæг. Уый фæдыл Украинæйы Централон Æвзарæнон Камис хъусын кæны, цы ран хъæлæсты 100 процент бахыгъд кодтой.
Украинæйы архайæг президент Петро Порошенкойæн схъæлæс кодтой, æвзæрстгæнджыты 24,45 процент, кæцы у 4,5 милуан хъæлæс.
2019 азы бæрæггæнæнтæй, Украинæйы цæрджыты æмтгæйон нымæц у 42 милуаны. Уыдонæй хъæлæс кæныны бар ис 35,6 милуан адæймагмæ.
Украинæйы президентон æвзæрстыты дыккаг тур 21 апрелы ацыд. Эгзитполты публикацийæ уайтагъд Петро Порошенко æвзæрстыты кæй фембылд ууыл басастис.