Æппæтдунеон æнæнизхъахъхъæды ассамблейыл,  организацийы генералон сæрдар,  Михаил Сарджвеладзейæн сертификат адæдта, малярийæ сæрибар бæстæйы статус райсынæн
Æппæтдунеон æнæнизхъахъхъæды ассамблейыл, организацийы генералон сæрдар, Михаил Сарджвеладзейæн сертификат адæдта, малярийæ сæрибар бæстæйы статус райсынæн

Гуырдзыстоны  æнæнизхъахъхъæды æмæ социалон хъахъхъæды министр Женевайы æнæнизхъахъхъæды 78-æм æппæтдунеон ассамблейы байгомыл уыд. Ассамблейы, кæцыйæн йæ темæ у «Иу дуне æнæниздзинадæн», байгом кодта æппæтдунеон æнæниздзинад хъахъхъæныны организацийы генералон директор.

Йæ раныхасы Тедрос Адханом Гебрейесус Гуырдзыстоны æнтыстдзинæдтыл фæныхас кодта æмæ банысан кодта бæстæйы тамакойы контролы фæдыл уагъд куыст, афтæ ма малярийæ сæрибар  бæстæйы статусмæ баххæсыны архайдтытæ æмæ æнтыстдзинæдтæ.

Женевайы ассамблейы байгомы церемонийыл, оргнизацийы  генералон сæрдар Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министрæн  сертификат адæдта. Æппæтдунеон æнæнизхъахъхъæды организаци Гуырдзыстоны 2025-æм азы райдайæнмæ  малярийæ сæрибар  бæстæйæ схуыдта.