Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриархы Цыппурсон  эпистолæ
Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриархы Цыппурсон эпистолæ

Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх, Мцхета-Тбилисы архиепископ æмæ Цхум-Абхазы митрополит Илья Дыккаг Цыппурсон эпистолæйы дзырдæуы, цæмæй æрмæстдæр адæймаг у Хуыцауы хуыз æмæ æнгæсæй конд цæрæгой, зондджын, артикулиргонд , хæларзæрдæдзинад, сæрибар фæндон æмæ уæларвон уарзондзинады хъомысæй хайджын; Æрсидт рæстдзинад базонынмæ æмæ йын лæггад кæнынмæ.

Патриархы æмбарынгæнæнмæ гæсгæ, æнæмæнг хъæуы хионы уарзын æмæ хиуарзондзинад зæрдæйæ тæрын.

«Мæлæтæй тæрсын у хауд адæймаджы миниуæг. Уымæ гæсгæ агуырдта æмæ дарддæр дæр агуырдта цард адарддæр кæныны фæндæгтæ, æрхъуыды кодта алыгъуызон мадзæлттæ, цæмæй æвзæрын кæна фарны иллюзи, фæлæ дзæгъæлы.

Æппæт уыдæттæ свæййынц стырдæр рæдыдтыты аххос æмæ арфдæр кæнынц ныридæгæн нæм цы монон кризис ис, уый.

Ахæм адæймаг нæ æмбары, мæлæтæй тас æцæгæйдæр тæригъæдтæй кæй цæуы, тæригъæды цагъар уд æнæбары тæрсы Хуыцауимæ фембæлынæй æмæ уымæ гæсгæ æнкъуысы; Фæлæ æвзæрдзинæдтæй фервæзын æмæ йæ уд ссыгъдæг кæныны бæсты арæх бахауы нигилизммæ æмæ æмбæхсы атеизмы (кæд æмæ æнæууæнкдзинадæн бирæ æндæр аххосæгтæ ис, уæддæр).

Ахæм адæймæгтæн цард у райгуырдæй мæлæтмæ, æмæ сын мæлæтимæ алцыдæр фæвæййы. Уымæ гæсгæ сæ уырны, фыдбылыз, хорздзинад, мæнгарддзинад, иузæрдиондзинад, хæлæгдзинад, уарзондзинад, æнæгъдаудзинад… кæй сты нормалон адæймаджы æнкъарæнтæ æмæ ницы бæрндзинад хæссынц нæдæр бæлвырд адæймаджы раз, нæдæр Хуыцауы раз, уымæн æмæ цардыл нæ æууæндынц дунейы, уыдон нæ æууæндынц æнусон аргъдзинæдтыл» – дзырдæуы фыстæджы.